Хуссар Иры Ленингоры районы инфраструктурæмæ æнхъæлмæ кæсынц егъау ивындзинæдтæ

© Sputnik / Natalia AiriyanЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администраци æрбавдыста ацы азы райрæзты нывæст, цы ран сæйраг хъусдард здæхт у ахуырад, цæрджыты досуг æмæ инфраструктурæмæ, фехъусын кодта районы администрацийы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжела.

"Администрацийы разамонæг Уалыты Муртаз фæткдаруатты хистæртимæ рабадты рæстæджы снысан кодта ацы азы райрæзты комплексон нывæст. Уæлдай хъусдард здæхт уыдзæн ахуырадон фадыгмæ. Фыццæгæм сентябрмæ районы капиталонæй сцалцæг кæндзысты дыууæ скъолайы – Цъинагары æмæ Орчъосаны", - банысан кодта Кокойты Анжела.

Районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Хацырты Алексейæн бахæс кодтой цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кæнын капиталон цалцæг дыууæ ахуырадон уагдоны.
Афтæ ма фæуд кæны парчы арæзтад Цъинагары, Раздæхæны хъæуы та фæзындзæн сывæллæттæн фæзуат хъазæн комплексимæ. Президент Гаглойты Аланы фæдзæхстæй цалцæг æрцæудзæн Орчъосаны культурæйы хæдзары бæстыхай: уым сног кæндзысты бæстыхайы фасад æмæ актон зал, афтæ ма тренажерон зал дæр.
Пресс-секретарь баахх кодта, нывæсты кæй ис фæндагон инфраструктурæ æмæ районон администрацийы бæстыхайы цалцæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0